Чырыстон диныл хæст адæм æппæт дунейы бæрæг кæнынц Чырыстийы райгуырд. Уæрæсейы аргъуанты сарæзтой бæрæгбоны мадзæлттæ. Нæ республикæ дæр фæстæ нæ фæллæуыд. Хуыцаумæ куывдæн æвдисæн уыдысты не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр.
Æмбисæхсæв нæма æрлæууыд æмæ Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны адæмæй къух бакæнæн нæй. Бæрæгбоны фæдыл мадзæлттæ фæцæуынц цалдæр сахаты. Фæлæ аргъуанмæ æрбацæуджытæ фæллад нæ зонынц.
Чырыстон динмæ гæсгæ цыппурсы бæрæгбонмæ хъуамæ алы адæймаг дæр йæ уд ссыгъдæг кæна, цырæгътæ ссудза , йе `нусон бынатмæ чи ацыд, уыдоны ном æрхъуыды кæна æмæ æнæмæнгæй цавæрдæр бæллиц хинымæры снысан кæна.
Цыппурсы размæ æхсæв фæткмæ гæсгæ адæм арвитынц аргъуаны. Цæгат Ирыстоны бæрæгбоны агъоммæ мадзæлттæ сарæзтой 40 аргъуаны. Алагиры Сылгоймæгты моладзандоны бæрæгбонмæ уæлдай æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты.
Ам Цыппурсыл æрмæст зæрдæйы хъармимæ нæ сæмбæлдысты, моладзандоны саив кодтой алыхуызон цырæгътæ æмæ гирляндатæй. Бæрæгбонмæ сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой. Кæрты Чырыстийы райгуырды нывæфтыд сарæзтой. Цыппурсы бæрæгбон куы æрлæууы, уæд чырыстон диныл хæст адæмæн кæронмæ æрхæццæ вæййы, 40 боны цы ком дардтой, уый дæр. Комдзаг акæнæн нæ вæййы, цалынмæ арвыл фыццаг стъалы нæ фæзына, уæдмæ. Уый нысан кæны Чырыстийы райгуырд. Куыддæр ферттива, афтæ адæм бæрæгбоны фынгтыл æрбадынц.
Сæрмагонд мадзæлтты фæстæ адæм сæ хæдзæрттæм нæ тагъд кодтой. Сыгътой цырæгътæ, кæрæдзийæн арфæтæ кодтой. Чырыстон диныл хæст милуангай адæймæгтæн æрлæууыд Цыппурс.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
/ irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv