Амондджын бинонтæ

Опубликовано: 29 Июль 2026
на канале: iRYSTON TV
1,652
23

Нæ республикæ дæнцæгæн хæссинаг бинонтæй цух никуы уыд. Уарзондзинад, хъарм ныхас æмæ хъæлдзæг зæрдæйы ахаст кæм вæййы, уыцы хæдзар амондджын вæййы. Афтæ зæгъæн ис нæ дарддæры `рмæджы хъайтарты тыххæй дæр - Ахъиты бинонтæй. 9 сывæллоны хъомыл кæнын сæм зын æппындæр нæ кæсы.

Ахъиты бинонты райсом алкæддæр райдзаст у. 9 сывæллоны цы хæдзары ис, уый амондджыныл нымад у. Кæд ныртæккæ сæрдыгон улæфæн бонтæ сты, уæддæр сæ ахуыр рох нæ кæнынц. Хистæр чызг Тарифæ ацы хъуыддаджы бæрнон у. Йæ мадæн фыццаг æххуысгæнæг. «Сывæллæттæй алчидæр алыхуызон у» - зæгъынц ныййарджытæ æмæ сæ алкæимæ дæр алыхуызон ныхас кæнын хъæуы. Фæлæ 9 хъæбулы сæ ныййарджыты бирæ куы уарзой, уæд уым кæрæдзийы цæстæнгасæй дæр æмбардзысты.

Тарифа, Авраам, Марк, Илья, Анна, Самуил, Эрик, Вадим, Вениамин. Сæ нæмттæ дæр цымыдисаг сты. Хуымæтæджы сыл сæ нæ сæвæрдтой. Хуыцаумæ хæстæг адæмы нæмттæ. Дунесфæлдисæг ма сын балæвар кодта курдиат. Сывæллæттæ алыхуызон музыкалон инструменттыл цæгъдынц. Зæгъæн ис, сæ хæдзары чысыл оркестр сарæзтой. Чи сæ фортепианойыл цæгъды, чи гитарæйыл, чи та - найыл. Кæмæдæр та музыкалон кусæнгарз не `рхауди æмæ уал æй бахастой аивадуарзджыты къордмæ.

Кæд нырма æвзонг сывæллæттæ сты, уæддæр сæ фидæныл арæх фæныхас кæнынц сæ ныййарджытимæ. Кæйдæр дæсны дохтыр суæвын фæнды, кæйдæр хæринаггæнæг, амайæг, ахуыргæнæг. Фæндтæ бирæ. Фæлæ сæ иу кæны сæ фарсмæ чи ис, уыцы адæммæ уарзондзинад.

Алы изæр дæр бинонтæ æрæмбырд вæййынц иумæ. Ахæм фæтк сæм ныффидар æмæ йæ никæй бон у фехалын. Сæ фынгыл алкæддæр цай æмæ адджын гуылтæ. Ахæм бинонтæ дæнцæгæн хæссинаг сты. Уымæн æмæ уарзондзинад сæ царды бындур у.

Пелиты Сабинæ
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
   / irystontv  
twitter.com/irystontv