Зарӕджы баззад сӕ ном Дзебысаты ӕфсымӕртӕ

Опубликовано: 10 Октябрь 2024
на канале: Альбина Секинаева
636
21

Ирыстоны адӕмӕй иу дӕр нӕй ахӕм, хӕст кӕй нӕ бафхӕрдта, зӕрдӕрыст кӕмӕн не 'рхаста. Йӕ судзгӕ цӕхӕрты стъӕлфӕнтӕ фӕхӕццӕ сты Уехергоммӕ , хӕстхъом фӕсивӕд цадӕггай ивылдысты фыдгулы дӕрӕн кӕнынмӕ. Дзебысаты Тузары артдзӕстӕй хӕсты быдырмӕ ацыдысты дӕсӕй: Вано, Петро, Коте, Гадзыбе,Уардо, Бибо, Зауырбег, Миха, Дзибул ӕмӕ Мишӕ..
Афтӕмӕй цард ӕмӕ мӕлӕты ӕхсӕн арӕнты хӕцыдысты хъӕбатыр ӕфсымӕртӕ алы фронтты, Баренцы(Баренцево) денджызы, Карпаты хӕхты, Кавказы, Европӕйы ӕмӕ хурскӕсӕн Японы самурайтимӕ.
Ирон адӕммӕ хъайтары ном сбуц кӕнынц зарӕджы. Дзебысаты хъӕбатырты номыл райгуырди зарӕг ӕмӕ ӕнустӕм сахъгуырдты ном баззайдзӕн зарӕджы.